ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сирийы Хъахъхъӕнынады министрӕдтӕ нывӕндынц бафыссын бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл, фехъусын кодта РХИ хъахъхъӕнынады министр Марат Павлов президенты рабадты рӕстӕджы тыхон структурӕты разамонджытимӕ.
Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕмӕ азы фыццаг хай ӕрцӕудзысты балцы коллегӕтӕ Сирийӕ.
"Хуссар Ирыстонмӕ 2024 азы фыццаг кварталы ӕрцӕудзысты балцы Сириаг Арабаг Республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады минӕвӕрттӕ, цӕмӕй бафыссӕм ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд дыууӕ паддзахады хъахъхъӕнынадон уагдӕтты ӕхсӕн", - загъта Павлов.
Сири банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад 2018 азы 29 майы. Уыцы аз бӕстӕтӕ бафыстой хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл Бадзырд.