Аркадий Гайдары 120 азы юбилеймӕ бакодтой равдыст ХИПУ-йы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты фонд "Русский мир"-ы уырыссаг центр бацӕттӕ кодта фоторавдыст номдзыд советон сывӕллӕтты фыссӕг, сценарист ӕмӕ прозаик, Граждайнаг ӕмӕ стыр Фыдыбӕстӕйон Хӕсты хайадисӕг Аркадий Гайдары 120 азы юбилеймӕ, фехъусын кодта ХИПУ пресс-службӕ.
Аркадий Гайдары 120 азы юбилеймӕ бакодтой равдыст ХИПУ-йы
Равдыст бабӕрӕг кодтой дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы цыппӕрӕм къласы ахуырдзаутӕ, уыдон радзырдтой советон литературӕйы классикы цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй.
Афтӕ ма скъоладзаутӕ бабӕрӕг кодтой университеты музейон комплекс, цы ран сӕ тынг цымыдис кодта ирон адӕмы истори ӕмӕ зоологон музейы экспонаттӕ.
Аркадий Гайдары 120 азы юбилеймӕ бакодтой равдыст ХИПУ-йы