Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ егъау ӕхст фӕкодтой украинӕйаг ӕфсӕддон объекттӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik. Уӕрӕсейы Гарзджын тыхтӕ еракетӕтӕй фехстой украинӕйаг ӕфсӕддон-сӕудӕджерадон комплексы объекттӕ, фехъусын кодтой дыццӕджы УФ Хъахъхъӕнынады министрады.
"Абон райсом Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын тыхтӕ иттӕг дырыс ракетӕтӕй егъау ӕхст фӕкодтой Украинӕйы ӕфсӕддон-сӕудӕджерадон комплексы объекттӕ, кӕцытӕ уадзынц ракетӕтӕ, хӕстӕрмӕджытӕ ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ", - загътой уагдоны.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, объекттӕ иууылдӕр ӕнтыфстджынӕй фӕцӕф кодтой.