1992 азы референдумæн ис ахсджиаг бынат Хуссар Иры адæмы историйы – Гобозты Вячеслав

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik, Дзæгъиат Олег. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ республикæйы Уæрæсеимæ æрбаиу кæныны фæдыл 1992 азы референдумæн ис ахсджиаг бынат Хуссар Ирыстоны адæмы историйы. Уый тыххæй Sputnik пресс-центры Мæскуы-Цхинвал видеохиды рæстæджы фехъусын кодта РХИ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Гобозты Вячеслав.
"Уый уыд национ плебисцит иууыл ахсджиагдæр æмæ нысаниуæгджын фарстыты фæдыл Хуссар Ирыстоны адæм æмæ паддзахадæн", - загъта уый.
Паддзахадон уынаффæгæнæг банысан кодта, 1992 азы референдум кæй нæ хъæуы ранæуæг кæнын.
"Адæмы вæзæрстæн нæй æмгъуыд. Ацы документæн ис уæлдæр юридикон тых, уымæн æмæ йын схъæлæс кодтой адæм. Уый у Хуссар Ирыстоны хæдбар паддзахады барадон системæйы ахсджиаг хай. Ног референдум ауадзыны æнæмæнгхъæуындзинад нæй", - загъта Гобозты Вячеслав.
Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ахастыты тыххæй дзургæйæ Гобозты Вячеслав банысан кодта, уыдон активонæй æгъдауæй кæй райтынг сты.