Хуссар Иры хицауад райста чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуысы фæдыл программæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 янв — Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад сфидар кодта чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуысы фæдыл паддзахадон программæ 2024 азмæ. Уый фæдыл скъуыддзаг рахастæуыд хицауады рабадтыл æртыццæджы.
РХИ Экономикон райрæзты министрады сæргълæууæг Хъотайты Сæрмæт куыд банысан кодта, афтæмæй программæйы сæйраг нысæнттæ сты амалиуæгады райрæзт Хуссар Ирыстоны, уæлæмхасæн куысты бынæтты арæзтад æмæ цæрджыты æцæг æфтиæгты фæфылдæр.
Программæйы финанскæнынады иумæйаг гуырахст рацæудзæн 86 милуан сомы, уыдонæй 36 милуан сомы – фæрæзтæ республикæйы паддзахадон бюджетæй, 50,589 та – уæлбар кредиткæнынады фæдыл Фонды фæрæзтæ.
Министрты кабинет æмхъæлæсæй сразы ацы документ райсыныл.