Хуссар Иры МХМ фехъусын кодтой иууыл аварион къуырийы бонтӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны 2023 азы азы иууыл аварион къуырийы бонтӕ уыдысты хуыцаубон, майрӕмбон ӕмӕ цыппӕрӕм, фехъусын кодта республикӕйы МХМ пресс-службӕйы.
Паддзахадон автоинспекцийы 2023 азы службӕйон архайды хатдзӕгты фӕдыл рабадты рӕстӕджы банысан кодтой, фӕндагон-транспортон цауты сӕйраг аххосӕгтӕ ивгъуыд аз уыдысты: транспортон фӕрӕзтӕ нозтджынӕй скъӕрын, тагъдады режим фехалын, ныхмӕцӕуӕн фӕндагмӕ рахизын, маневртӕ аразыны фӕтктӕ фехалын, алвӕндӕгтыл ацӕуыны фӕтк фехалын, светофоры сырх рухсыл аскъӕрын.