ЦХИНВАЛ, 24 янв — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссарирыстойнаг зарæггæнæг Икъаты Милена снывонд кодта ног зарæг хæстонтæ-интернационалисттæн. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта артисткæ йæхæдæг.
Икъаты Милена ныффыста ныхæстæ æмæ музыкæ "Ирон афгайнæгтæ" зарæгæн.
"Æз ныр фараст азы кусын Цхинвалы скъола-интернаты, æмæ æрвылаз ахуырадон уагдоны мах нысан кæнæм советон æфсæдты ракæныны Бон Афганистанæй. Ацы аз сын дзырд радтон ныффыссын зарæг", - банысан кодта зарæггæнæг.
Композицийы презентаци ацæудзæн 15 февралы – советон æфсæдтæ ракæныны Бон Афганистанæй.
Зарæг саразынæн Икъаты Миленайæн баххуыс кодта Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Æлборты Алан.
Хуссар Ирыстонæй Афганистанмæ ацыд дыууæ сæдæйæ фылдæр æрыгон лæппуйы, уыдонæй авд нал æрæздæхт фæстæмæ.