Тӕрхондон рахаста Треповайӕн 27 азы колонийы Петербурджы теракты хъуыддаджы фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 янв - Sputnik. Дыккӕгӕм ныгуылӕйнаг ӕфсӕддон тӕрхондон Петербурджы рабадты рӕстӕджы рахаста Дарья Треповайӕн 27 азы колонийы петербургаг кафейы теракты тыххӕй, цы ран фӕмард ӕфсӕддон уацхӕссӕг Владлен Татарский (Максим Фомин), хъусын кӕны РИА Новости.
"Треповайы банымайын азымджыныл…ӕмӕ снысан кӕнын фыдракӕндты фӕдыл ӕфхӕрд 27 азы ахӕст иумӕйаг режимы колонийы 600 мин сомы иваримӕ", - фехъусын кодта тӕрхонгӕнӕг Тимур Жидков.
Петербурджы срæмыгъды фæстиуæгæн, цы ран фæмард Владлен Татарский, бахъыгдард 32 адæймаджы