Уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджытӕ Хуссар Ирӕй хайад райсдзысты Иван Ярыгины Кубокы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 янв – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ӕртӕ уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕджы Хуссар Ирыстонӕй хайад райсдзысты ӕхсӕнадӕмон турнир "Иван Ярыгины Кубок"-ы, кӕцы цӕудзӕн Красноярскы 25-28 январы.
Уӕрӕсейы фондз хатты чемпион Дзӕгъиаты Сослан хайад райсдзӕн 97 кг уӕзы категорийы, Бестауты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Арсен та 125 кг уӕзы категорийы.
Иван Ярыгины Кубокы хайад райсдзысты 400 сӕдӕйӕ фылдӕр спортсмены 23 бӕстӕйӕ.