Хуссар Иры ацыд онлайн-конференци Ленинграды блокадæ сисыны 80 азы юбилеймæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 янв – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны Национ музейы майрæмбоны ацыд æхсæнадæмон онлайн конференци, кæцы нывонд уыд Ленинград фашистон блокадæйæ ссæрибар кæныны 80 азы юбилейæн.
Хуссар Иры ацыд онлайн-конференци Ленинграды блокадæ сисыны 80 азы юбилеймæ
Бæрæгбонон баконды фæстæ ацыд пленарон рабадт. Æдæппæт конференцийы хайад райстой 150-мæ æввахс адæмы, сæ нымæцы – историон æмæ æфсæддон-историон музейты Ассоциацийы уæнгтæ, Æхсæнадæмон проект "Уæлахизы территори"-йы хайадисджытæ, профессионалон историон æхсæнады минæвæрттæ.
Хуссар Ирыстоны фарсæй конференцийы хайад истой Россотрудничествойы минæварады сæргълæууæг республикæйы Сергей Комиссаров, РХИ НАцион музейы директор Зассеты Мераб, медиа-центр "Ир"-ы президент Гаглойты Ирина, афтæ ма ХИПУ ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ.
Хуссар Иры ацыд онлайн-конференци Ленинграды блокадæ сисыны 80 азы юбилеймæ