ЦХИНВАЛ, 26 янв – Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин бахæс кодта раттын хæстон архæйдтыты ветераны статус сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хайадисджытæн æмæ бахæссын хицауадæн 1 апрелы онг ивындзинæдтæ законадмæ, хъусын кæны РИА Новости Кремлы сайтыл æнцойгæнгæйæ.
"Уæрæсейы Федерацийы хицауадæн: бахæссын УФ нормативон барадон акттæм ивындзинæдтæ, кæцытæ дæттынц хæстон архæйдтыты ветераны статус гоймæгтæн, кæцытæ хайад истой сæрмагонд æфсæддон операцийы, кæд сын контракт фыст нæй, уæддæр", - дзырдæуы хъусинаджы.
Нысангонд æрцыд, статус кæй дæтдзысты СÆО зонæйы райсгæ цæф, травмæ, контузи кæнæ низы фæдыл документтæм гæсгæ, афтæ ма хорзæхкæныны фæдыл æрмæг бавдисыны фæстæ.