Гуманитарон ӕххуысы радон парти арвыстой Ирыстонӕй СӔО зонӕмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 янв – Sputnik. Цӕгат Ирыстонӕй сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) зонӕмӕ арвыстой гуманитарон ӕххуысы радон парти, хъусын кӕны РЦИ-Аланийы националон политикӕ ӕмӕ ӕддагон бастдзинӕдты министрады пресс-службӕ.
Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хайадисджытӕн ӕрӕмбырд кодлтой хъарм дзауматӕ, хӕлцадон тыхтонтӕ, сӕрмагонд гигиенӕйы фӕрӕхтӕ ӕмӕ фыстӕджытӕ солдаттӕн.
"Ахӕм иудзинад у ӕцӕг патриотьизм ӕмӕ граждайнаг хайадисты дӕнцӕг. Мах аразӕм иу хъуыддаг, ӕфсад ӕмӕ адӕм, ӕмӕ хъуамӕ архайӕм иумӕ. Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын алкӕмӕндӕр, чи райста хайад ацы акцийы", - загъта "Украинское национально-культурное общество "Славутич"-ы регионалон хайады сӕрдар Виктор Хамаза, кӕцыйы хъӕппӕрисӕй ӕмбырд кодтой гуманитарон уаргъы.
Афтӕ ма хӕрзаудӕн акцийы хайад райстой адӕмты хӕларады Республикон хӕдзар, республикӕйы ӕнӕкоммерцион организацитӕ, Дзӕуджыхъӕуккаг епархи, Колыты Аксойы номыл Рӕстдинон гимнази, скъола "Эрудит", волонтертӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджытӕ.
Гуманитарон ӕххуысы радон парти арвыстой Ирыстонӕй СӔО зонӕмӕ