Хуссар Иры 1 февралæй аивдзысты экспортон хъалонтæ ноджы цалдæр базайрагыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 янв – Sputnik, Томайты Аманда. Республикæ Хуссар Ирыстоны Экономикон райрæзты министрад, Таможнæйы комитет æмæ республикæйы амалиуæггæнджыты фембæлды рæстæджы экономикон райрæзты министр Хъотайты Сæрмæт фехъусын кодта, 1 февралæй кæй ссæрибар кæндзысты экспортон хъалонтæй ноджы цалдæр базайраджы.
"Баззад ма цалдæр хуызы продукци, кæцытæ хауынц экспортон хъалонтæм. Бадзырдмæ гæсгæ 1 февралæй фæстæмæ ацы базайрæгты дæр ссæрибар кæндзысты экспортон хъалонтæй", - загъта министр.
Уæрæсейы хицауад 2023 азы 1 октябрæй бакодта уæлæмхасæн хъалонтæ сыхаг бæстæтæн, сæ нымæцы ХУссар Ирыстон æмæ Абхаз дæр. Уый фæстæ республикæйы зынгæ фæфылдæр сты продуктты æргътæ. Ивгъуыд аз 30 декабры Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон бафыстой протокол хъалонтæ аивыны фæдыл.