Хуссар Иры Къозы хъæу æртæ къуырийы дæргъы у иппæрд дунейæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 янв - Sputnik, Гæбæраты Элина. Горæт Къуаисайы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады (ЦКХ) кусджытæ цыппæрæм бон сыгъдæг кæнынц фæндаг Хуссар Ирыстоны Дзауы районы хæххон хъæу Къозмæ, фехъусын кодта Sputnik-æн горæты ЦКХ хистæр Хъæцмæзты Варладик.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæндагон бастдзинад хъæуимæ фехæлд декабры митуарды фæстæ. Ныртæккæ цæрæн пунктмæ фæндаг сыгъдæг кæнынц техникæйы дыууæ иуæджы.
"Ныртæккæ мах кусæм фæндаджы иууыл зындæр фадыгыл. Ацы ран ис бирæ мит, нæ архайды тагъдад баст у боныгъæдимæ", - загъта уый.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Къозы хъæуы дунейæ иппæрд баззадысты æртæ бынæттон цæрæджы.