Цӕгат Иры 100-йӕ фылдӕр ӕвзонг бинонтӕ райсдзысты цӕрӕнуатон субсидитӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 янв – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны 2024 азы 100-йӕ фылдӕр ӕвзонг бинонтӕ райсдзысты цӕрӕнуатон субсидитӕ.
Регионы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, программӕйы фӕлгӕтты паддзахад ратты субсиди ӕвзонг бинонтӕн цӕрӕнуат балхӕнынӕн.
"Фиддоны бӕрц баст у бинонты уӕнгты нымӕцыл: ӕвзонг бинонтӕ сабитимӕ райсынц 35%, ӕнӕ сабитӕй та – 30%. Фӕлӕ дыууӕ къайы кар дӕр хъуамӕ ма уа 35 азӕй фылдӕр" - ныффыста Меняйло йӕ телеграм-каналы.
Ноджы ма иу ахсджиаг домӕн – бинонты хъуамӕ банымайой сӕ цӕрӕнуат кӕй хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын, ахӕмыл. Ивгъуыд аз 93 ӕвзонг бинонтӕ райстой цӕрӕнуатон ӕххуыс ацы программӕйы фӕлгӕтты.