Ирыстон хъуыды кӕны: Цхинвал раарфӕ кодта Науруйӕн Хӕдбардзинады боны цытӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 янв – Sputnik. Ирыстоны адӕм алыхатт дӕр хъуыды кӕндзысты, Республикӕ Науру кӕй балӕууыд Хуссар Ирыстоны адӕмы фарс ӕмӕ банымадта республикӕйы хӕдбардзинад, дзырдӕуы РХИ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) арфӕйы телы Науруйы Хӕдбардзинады боны цытӕн.
"Науруйы паддзахаддзинады бындуры ис адӕмы сӕрмагонд характер ӕмӕ ныфс. Ирыстоны адӕм алыхатт дӕр хъуыды кӕндзысты, Республикӕ Науру кӕй балӕууыд Хуссар Ирыстоны адӕмы фарс ӕмӕ банымадта республикӕйы хӕдбардзинад", - дзырдӕуы арфӕйы ныхасы.
Науру банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 2009 азы 16 декабры, уыцы аз паддзахадты ӕхсӕн сфидар кодтой дипломатон ахастытӕ дӕр.