Цхинвалы калд бӕлӕсты бынаты ныссадздзысты хӕдӕвзӕрд талатӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы цы гималайаг кедртӕ ракалдтой, уыдон бынаты ныссадзысты хӕдӕвзӕрдӕй схӕцгӕ талатӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн горӕты хӕрзарӕзтады фӕткдаруаты кусӕг.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы алкӕцы ракалд бӕласы фӕстӕ дӕр социалон хызӕгты сывзӕры хъаугъатӕ, фылдӕр бӕрцӕй адӕмы ӕнӕразыдзинад баст у сӕ бынаты кӕй ницы садзынц, уыимӕ.
"Завод "Эмальпровод" ӕмӕ футболы скъола "Фыранк"-ы кӕрты ис хӕдӕвзӕрд талатӕ, уыдон садздзыстӕм, цы бӕлӕстӕ ракодтой, уыдон бынаты", - загъта фӕткдаруаты кусӕг.
Уый ма бафиппайдта, кедртӕ хорз кӕй зайынц, уымӕ гӕсгӕ уый ацы уалдзӕджы хъавы йӕ хъӕуы саразын чысыл таладон. Ивгъуыд аз дӕр горӕты хӕрзарӕзтады фӕткдаруат Цхинвалы ныссагъта 120 хӕдӕвзӕрд талайы