Фæсарайнæг гранатæхсæн ссардтой Хуссар Иры Знауыры районы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Дидинджыны хъæуы кæрон ссардтой æмæ скуынæг кодтой танчы ныхмæ фæсарайнæг гранатæхсæн, фехъусын кодта республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.

"Уæлвæткон уавæрты министрады сапертæ ссардтой æмæ скуынæг кодтой танчы ныхмæ грантæхсæн, кæцы уыд фæсарайнæг рауагъдад", - банысан кодтой пресс-службæйы.

Министрады нæ радзырдтой, цы уавæрты ссардтой гранатæхсæн æмæ кæцæй фæзынд, уый.
УУМ сиды адæммæ, цæмæй уой уæлдай сæрхызт, ахæм тæссаг æрмæджытæ-иу куы ссарой, уæд.
Фæсарайнæг гранатæхсæн ссардтой Хуссар Иры Знауыры районы