РХИ Хъахъхъӕнынады министрад йӕ цӕст дары историон кувондонмӕ "Паук"-ы бӕрзӕнды

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддонтӕ бахсӕстой бӕлӕстӕ кувӕндоны алфӕмблайы "Паук"-ы бӕрзӕнды. Кувӕндон ис уагдоны цӕстдарды бын, фехъусын кодта Sputnik-ӕн РХИ хъахъхъӕнынады министры ӕххуысгӕнӕг Тыджыты Алан.
"Ацы ран 2004 азы цыдысты уӕззау тохтӕ, гуырдзиаг хӕстонтӕ ӕхстой ацы бынат цалдӕр мӕйы дӕргъы. Дыууӕ километры радиусы нӕй иу ӕнӕхъӕн бӕлас дӕр. Хус къалиутӕ тӕссаг вӕййынц миты рӕстӕджы ӕрхауынӕй кувӕндоныл", - загъта Тыджыты Алан.
Уый ма бузныг загъта Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ӕн техникӕимӕ баххуыс кӕныны тыххӕй.
РХИ Хъахъхъӕнынады министрад йӕ цӕст дары историон кувондонмӕ "Паук"-ы бӕрзӕнды