Хуссар Иры УУМ кусджытæ баххуыс кодтой тагъд æххуысы службæйæн бацæуын дæрддзæф хъæумæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады ирвæрзынгæнджытæ баххуыс кодтой тагъд æххуысы службæйы бригадайæн бацæуын чысыл пациенткæмæ Цхинвалы районы Монастеры хъæумæ. Уырдæм фæндаг нæ уыд æвзæр боныгъæды фæстиуæгæн, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
"УУМ-ы кусджыты оперативон куысты фæрцы бантыст чысыл пациенткæйы апендицитимæ рæстæгыл госпитализаци скæнын", - банысан кодтой министрады.
Ныр чызг ис дохтырты хъусдарды бын, бафтыдтой уагдоны.
Дыццæджы æхсæвы Хуссар Ирыстоны руарыд стыр мит. Цхинвал баззад баззад ӕнӕ рухсӕй электрохызӕгты аварийы тыххӕй. Республикæйы хæххон æмæ дæрддзæф хъæуты фылдæр хай баззадысты иппæрд столицæйæ. Комуналон службæтæ сыгъдæг кæнынц фæндæгтæ.