Цхинвалы басыгъд хисӕрмагонд хӕдзары дыккаг уӕладзыг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ссыгъд хисӕрмагонд хӕдзар дыццӕджы ӕхсӕвы Колхозонты уынгыл, арт хуыссын кодтой ӕртӕ зынгфӕдисон къорды, хъусын кӕны республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"Хисӕрмагонд хӕдзары дыккаг уӕладзыг ӕнӕхъӕнӕй басыгъд. Зынгфӕдисонтӕ не руагътой апарахат кӕнын арт сыхаг хӕдзӕрттыл ӕмӕ аиуварс кодтой зынгсирвӕзт", - банысан кодтой министрады.
Зынгсирвӕзты фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй, бафтыдтой уагдоны.