ЦХИНВАЛ, 8 фев – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Паддзахадон телерадиокомпани "Алания"-йы аккаунты блокировкӕ YouTube-каналы ӕнӕнхъӕлгӕ цау нӕ уыд. Телекомпани уыд цӕттӕ блокировкӕмӕ, развӕлгъау куыст цыд хисӕрмагонд медиаплатформӕйы арӕзтадыл. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта ПТРК "Алания"-йы директор Хъуысаты Тимур.
"Мах нӕхӕдӕг дӕр ацыдыстӕм YouTube-ӕй, уӕрӕсейаг законады фехӕлдтӕ дзы куыд, уӕд. Мах ацыдыстӕм, цӕмӕй райтынг кӕнӕм нӕхи платформӕтӕ. Дыууӕ мӕйы размӕ ӕрбаздӕхтыстӕм эксперименты хуызы, цӕмӕй бакӕсӕм, куыд архайы холдинг, ӕмӕ нын бантыст нӕ аудитори ракӕнын ног фӕзуӕттӕм ӕви нӕ. Уый фӕдыл мах ацы цауӕй ницы зиан райстам", - загъта Хъуысаты Тимур.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ног медиаплатформӕимӕ ӕнцондӕр архайӕн у YouTube-мӕ абаргӕйӕ, уымӕ гӕсгӕ аиудитори зӕрдиагӕй хизы ног фӕзуӕттӕм.
Хъуысаты Тимур ма бафтыдта, зӕгъгӕ, медиаплатформӕ "Смотрим"-ӕй дарддӕр ПТРК "Алания"-ы ӕрмӕджытӕ вӕййынц "Дзен"-ы, афтӕ ма социалон хызӕгтӕ "Телеграм", "ВКонтакте" ӕмӕ "Одноклассники"-йы.