Цæгат Иры зынгсирвæзты рæстæджы амард ацæргæ сылгоймаг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 фев – Sputnik. Цæгат Ирыстоны Мæздæджы районы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) зынгфæдисонтæ ссардтой ацæргæ сылгоймаджы мæрдон буар зынгсирвæзт хуыссын кæныны рæстæджы хисæрмагонд хæдзары, фехъусын кодта уагдоны пресс-службæ.
Республикæйы УУМ куыд банысан кодтой, афтæмæй Киевы хъæуы хисæрмагонд хæдзары зынгсирвæзты фæдыл хъусинаг æрбацыд æхсæвы 1.43 сахатыл.
"Зынгсирвæзт хуыссын кæныны рæстæджы цæрæн уаты хуыссæныл зынгфæдисонтæ ссардтой 87-аздзыд сылгоймаджы мæрдон буар", - хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Министрады бафтыдтой, зынгсирвæзты аххосаг кæй бæрæг кæныны зынгфæдисон лабораторийы эксперттæ.