Хуссар Иры минæвар Уæрæсейы хайад райста УФ ФХМ бæрæгбонон церемонийы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр хайад райста дипломатон кусæджы Боны цытæн бæрæгбонон церемонийы.
Хайадисджытæ дидинтæ сæвæрдтой мемориалон фæйнæджытæм Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) бæстыхайы.
"Традицимæ гæсгæ ссардтам дипломатты рухс нæмттæ, кæцытæ сæ цæрдтæ радтой Стыр Фыдыбæстон хæсты быдырты, афтæ ма дипломатты, кæцытæ фæмард сты службæйон хæстæ æххæст кæныны рæстæджы æмæ политикон репресситæй зианбаййафджыты", - дзырдæуы РХИ минæварады хъусинаджы.
Дидинтæ сæвæрыны церемонийы фæстæ Сергей Лавров йæ раныхасы бузныг загъта Хуссар Ирыстонæн æмуддзинады тыххæй.
Гасситы Знауыр дæр йæхирдыгæй бузныг загъта Сергей Лавровæн уæлдай хъусдарды тыххæй республикæмæ, æмæ йын раарфæ кодта дипломатон кусæджы Боны цытæн.
Хуссар Иры минæвар Уæрæсейы хайад райста УФ ФХМ бæрæгбонон церемонийы