Фæсивæды æппæтдунеон фестивальмæ ацæудзысты Хуссар Иры 135 минæвары

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Фæсивæды æппæтдунеон фестивалы, кæцы цæудзæн федералон территори "Сириус"-ы ацы аз марты, хайад райсдзысты Хуссар Ирыстоны 135 минæвары. Уый тыххæй Sputnik-ы пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта Национ цæттæкæнынадон комитеты сæрдар Тедеты Азæмæт.
"Хуссар Ирыстоны тынг бирæ адæмы фæндыд ацæуын фестивальмæ. Махмæ æрбацыд 380-æй фылдæр куырдиаты. Фæлæ, хъыгагæн, республикæйы квотæ афтæ егъау нæ уыд. Уый фæдыл конкурс рацыдысты иууыл активондæр фæсивæд. Фыццаг нæ квотæйы уыд 120 бынаты, фæлæ мах бакодтам стыр куыст, уый фæстиуæгæн нæ квотæ фæфылдæр 235 онг", - загъта Тедеты Азæмæт.
Национ цæттæкæнынады комитеты уæнг Джуссойты Диана йæхирдыгæй банысан кодта, фестивалы хуссарирыстойнаг хайадисджытæ равзæрстой 13 здæхты, кæцытæ æрбавдисдзысты мадзалы.
"Уыдонмæ хауынц культурæ, спорт, медиа, бархион куыст, IT-технологитæ æмæ афтæ дарддæр. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, тынг ахсджиаг у, цæмæй Хуссар Ирыстоны хайад райса алкæцы здæхты дæр", - банысан кодта уый.
Джуссойты Диана ма бахахх кодта, зæгъгæ, фестивалы фæлгæтты Хуссар Ирыстон бавдисдзæн йæ националон культурæ дæр.