ЦХИНВАЛ, 13 фев – Sputnik. Уголовон-ӕххӕстгӕнӕн системӕйы кусджытӕ хӕссынц социалон бӕрндзинад ӕхсӕнадмӕ гоймӕгты ӕрыздахыны фӕдыл, кӕцытӕ фехӕлдтой закон ӕмӕ бахаудтой царды уӕззау уавӕрты. Уый тыххӕй дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфӕйы ныхасы уголовон-ӕххӕстгӕнӕн системӕйы кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны фӕдыл.
"Сымах уӕ цӕст дарут ӕфхӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны хъуыддагмӕ, афтӕ ма ахъаз стут ахӕстӕтты реабилитацийӕн, ӕвӕрут сӕ раст фӕндагыл. Уӕ куыстыл баст у Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад ӕмӕ сабырад", - хъусын кӕны Гаглойты Аланы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Гаглойты Алан бузныг загъта уагдоны кусджытӕн сӕ службӕйӕон хӕстӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕныны тыххӕй.