Сау тымыгъ. Кæсгон æмæ ирон æрдхорд лæппутæ

Sputnik
- Сослан, кæд æцæг æрдхæрдтæ стæм, уæд дæ фæндаг махуылты у, æмæ дæ нæ ауадздзынæн, цалынмæ нæхимæ рацæуай уæдмæ. Иу дыууæ боны нæм баззай æмæ дæ стæй афæндараст кæндзынæн. Мад æмæ мын фыд нæй, фæлæ мæ фыды æфсымæр ирон адæмы цас уарзы, уый зоныс? Мæ дада куы амард, уæд мæ уый хъомыл кодта. Уый мæ куы базона, цы ирон лæппуимæ службæ кодтон, уыимæ иу поезды, иу вагоны рацыдыстæм æмæ йын нæ цурты цæугæйæ мидæмæ рахиз нæ загъто, уæд мæ хæдзармæ нал бауадздзæн, - лæгъстæгæнæгау, поезды рудзынгæй кæсгæйæ, дзырдта иу саулагъз лæппу.
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.