Сау тымыгъ. Цы расайдта йæ фæдыл хохы ныв?

Sputnik
Изæрмилты хуры фæстаг дыдзы тынтæ ма къуыриццытæ кодтой Аргуданы алфæмблай къуылдымтыл. Сослан дыргъбæлæсты бын йæхи ирхæфста. Адмир æмæ Таусултан дæр хæдзары ныв ауындзынæн бынат цæттæ кодтой.
- Цом ма, бакæсон сæм, - ахъуыды кодта Сослан, иу дыууæ къахдзæфы куыд ракодта хæдзары ‘рдæм, афтæ кулдуарæй æрбахызт Ашамез дæр. Сослан фæлæууыд йæ мидбынаты, зæгъгæ, лæг уал йæ балцы фæстæ уадз æмæ йæхиуæттыл бацин кæна. Ашамез, мидæмæ æрбахизгæйæ, йæ бынаты сæнт лæуд фæкодта. Нывмæ кæсгæйæ, сæрмæ дыууæ къухæй фæлæбурдта.
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.