Белгород фехсыны фӕстиуӕгӕн зианбаййафджыты нымӕц схызт 19 онг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 фев - Sputnik. Белгород фехсыны фӕстиуӕгӕн зианбаййафджыты нымӕц схызт 19 онг, фехъусын кодта РИА Новости регионы губернатор Вячеслав Гладковы ныхӕстӕ.
Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрад куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй 15 февралы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой Белгороды областы залпон ӕхсты реактивон системӕ RM-70 Vampire-ы 14 сармадзаны. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕхстыты фӕстиуӕгӕн амардысты авд адӕймаджы, сӕ нымӕцы иу саби, 18 та райстой цӕфтӕ.
"Знон изӕры Белгороды цӕрӕг, кӕцы райста цӕфтӕ, йӕхӕдӕг ӕрбадзырдта горӕты дыккӕгӕм рынчындонмӕ. Уый фӕстиуӕгӕн фӕцӕфуӕвджыты нымӕц схызт 19 онг. Цыппар адӕймаджы мах поездыл арвыстам Мӕскуымӕ медицинон уагдӕттӕм", - ныффыста Гладков йӕ Telegram-каналы.