Хуссар Иры Урсдуры хъæуы ссардтой хæстæрмæджытæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 фев – Sputnik. Знауыры районы Урсдуры хъæуы æдзæрæг хæдзары ссардтой хæстæрмæджытæ, фехъусын кодта майрæмбоны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.

"Хæстæрмæджытæ ссарыны бынатмæ æвæстиатæй ацыд МХМ фæдагуырды-оперативон къорд, афтæ ма Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды сапертæ. Уыдон ссардтой пулемет æмæ Калашниковы автоматы 241 нæмыджы", - дзырдæуы пресс-службæйы хъусинаджы.

Министрады бафтыдтой, зæгъгæ, цауы фæдыл басгæрст уадзы Знауыры районы мидхъуыддæгты хайад.