Сау тымыгъ. Зæрдæйы хъæдгом та сног

Sputnik
Зæрдæрухсæй фæцæйцыд Цхинвалы фæтæн уынгтæй сæ иуы Дзæрæх. Знон йæ фыртæй тел райста. Абон, фæссихор йемæ хъуамæ аныхас кæна. Нырма йын рæстæг ис æмæ сындæг къахдзæфтæй фæцæуы горæты бастдзинады хайадмæ.
- Æвæццæгæн æй фæндаггаг хъæудзæн, æндæра йæ телефоны цы ныхасаг ис мемæ? Æцæг æй цалдæр азы нæ федтон, нал ын фехъуыстон йæ хъæлæс. Ныр ын службæйæ улæфт радтой. Рæхджы зындзæн йæхæдæг. Æртæ хатты йын йæ командирæй бузныджы фыстæджытæ райстон, арфæйы гæххæттытæ-иу æрæрвыстой йе ‘фсæддон хайæ. Мæнæ нæхи азеты мыхуыр. Æвæрд мын сты газеттæ дæр.
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.