Брянскы областы скуынæг кодтой дыууæ украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 фев – Sputnik. УФ Брянскы областы уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ скуынæг кодтой дыууæ украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты, уый фæстиуæгæн зианбаййафджытæ æмæ фехæлдтæ нæй, фехъусын кодта РИА Новости регионы губернатор Александр Богомазы ныхæстæ.
"Иуварсгонд æрцыд украинæйаг террористты атакæ, уыдон нывæндысты æнæпилотон тæхæг аппараты руаджы скуынæг кæнын инфраструктурæйы объекттæ УФ Брянскы областы. Уый фæстиуæгæн зианбаййафджытæ æмæ фехæлдтæ нæй", - ныффыста губернатор йæ Telegram-каналы.
Богомаз бафтыдта, зæгъгæ, оперативон службæтæ кусцнц цауы бынаты.