Хуссар Иры цæрджытæм æнхъæлмæ кæсы цыбыр кусæгон къуыри

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 фев – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны цæрджытæм æнхъæлмæ кæсы цыбыр кусæгон къуыри Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы Боны фæдыл.
Республикæйы бæрæгбонон бонтæ æмæ зæрдылдарæн датæты къæлиндармæ гæсгæ, ацы къуыри улæфт бонтæ уыдзысты æртæ боны – 23-æй 25-æм февралы онг.
Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы Бон – паддзахадон бæрæгбон, кæцы нысан кæнынц Уæрæсе æмæ раздæры ССРЦ кæцыдæр бæстæты 23 февралы. Уый нымад цæуы æфсæддон кады боныл Уæлахизы Бонимæ (9 май) иумæ.