Цхинвалы ацӕудзӕн ӕрмдӕсныты армукъа

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы ӕхсӕнадӕмон сылгоймӕгты боны цытӕн ацӕудзӕн республикӕйы ӕрмдӕсныты армукъа "Для милых дам", фехъусын кодта Sputnik адӕмон сфӕлдыстады центры пресс-службӕ.
Куырдиӕттӕ ист цӕудзысты фыццӕгӕм мартмӕ. Армукъа цӕудзӕн дыууӕ боны - ӕхсӕзӕм ӕмӕ ӕвдӕм марты. Цхинвалы ногдзауты парчы самал кӕнӕн уыдзӕн хиконд ӕрмӕг.
"Армукъайы уыдзӕн адӕмон сфӕлдыстады ӕрмӕджытӕ, хъӕдырмӕгӕй, бигӕ мигӕнӕн, згъӕрӕй конд ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ", - загътой уым.
Культурӕйы министрады адӕмон сфӕлдыстадон центр ивгъуыд азы кӕрон дӕр сарӕзта ӕрмдӕсныты армукъа. Уӕд республикӕйы ӕппӕт къуымтӕй къухджын адӕм ӕрластой сӕ куыстытӕ Цхинвалмӕ.