ЦХИНВАЛ, 20 янв – Sputnik, Плиты Фатимæ. Мах цæуæм Хуссар Ирыстонæй хорз тæлмæнтимæ æмæ цæттæ кæнын райдыдтам операцимæ, радзырдта Sputnik уæззау рынчын чызг Сагкаты Мияйы мад – Сагкаты Элина. Цхинвалы къуырисæры изæр чызгæн æххуысæн ацыд хæрзаудæн концерт.
Уæззау рынчын чызджы хоскæнынадæн хъæуы операци, кæцы гæнæн ис саразын Америкæйы. Процедурæйы аргъ у 3,5 милуан сомы.
Цхинвалы ацыд хæрзаудæн концерт Сагкаты Мияйы æххуысæн
© Photo : Пресс-служба президента РЮО
Хуссар Ирыстоны фæстаг къуыриты дæргъы активонæй æрбаиу сты чызгæн æхца æрæмбырд кæныны акцимæ. Сагкаты Мияйы хоскæнынадæн концерты размæ æхцатæ арвыстой футболы турниры уæлахиздзау æмæ призертæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæ.
Къуырисæры концертмæ Сагкаты Мия æрцыд йæ бинонтимæ.
"Алцыдæр ацыд иттæг хорз. Мæ сабитæн ам сарæзтой æцæг аргъау. Уыййас адæм хайад райстой ацы мадзалы, диссаджы концерт рауад. Уый уыд æцæг бæрæгбон нæ бинонтæн. Стыр бузныг Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланæн – уый сæхгæдта æхцаты æмбырдкæнынад. Хорз тæлмæнтимæ цæуæм ардыгæй, цæттæ кæндзыстæм операцимæ", - загъта сабийы мад.
Концерты ралæууыдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны зындгонд зарæггæнджытæ.
Цхинвалы ацыд хæрзаудæн концерт Сагкаты Мияйы æххуысæн
© Photo : Пресс-служба президента РЮО