Уӕрӕсейы президент 29 февралы арвитдзӕн ныстуан Федералон Ӕмбырдмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 фев – Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путины ӕрвылазон ныстуан Федералон Ӕмбырдмӕ 29 февралы, хъусын кӕны РИА Новости.
"Владимир Путин арвитдзӕн ӕрвылазон ныстуан Уӕрӕсейы Федералон Ӕмбырдмӕ 2024 азы 29 февралы", - хъусын кӕны агентад Кремлы пресс-службӕйы ныхӕстӕ.
Владимир Путины фӕтсаг ныстуан Федералон ӕмбырдмӕ ацыд 2023 азы 21 февралы. 2022 азы ныстуан нӕ ацыд. Президент уӕд фехъусын кодта, уый баст кӕй у "цауты егъау динамикӕимӕ".