ЦХИНВАЛ, 20 фев – Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы хицауад нывӕнды ауадзын цалцӕггӕнӕн куыстытӕ Тугъанты Махарбеджы номыл Аивадон музейы, хъусын кӕны ПТРК Алания.
Музейон коллекцийы ис фондз минӕй фылдӕр экспонаты, кӕцыты ӕхсӕн ис нывтӕ, графикӕ, скульптурӕ ӕмӕ декоративон аивады ӕрмӕджытӕ. Фарон "Зимний сад"-ы сцалцӕг кодтой фонтан, ӕмӕ ныр та специалисттӕ ирвӕзын кӕндзысты бӕстыхайӕн йӕхи ӕмӕ йӕ фасад. Ацы нысӕнттӕн рахицӕн кодтой дӕсӕй фылдӕр милуан сомы.
Музейы коллекцийы ис номдзыд ирон нывгӕнджыты куыстытӕ. Зындгонд у, Хетӕгкаты Къостайӕн кӕй ис 23 куысты, уыдонӕй 18 сты Аивадон музейы. Афтӕ ма коллекцийы ис Тугъанты Махарбеджы 200 нывы, Дзанайты Асланбег ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты куыстытӕ.