…Ма ма базивӕг кӕн, хъӕбул ӕмӕ уалӕ къӕдзӕхы сӕрӕй бӕхы ӕркӕн. Фӕссихор куыроймӕ не ссинаг ныххӕссӕм, - фӕлмӕн хъӕлӕсӕй бадзырдта ӕвзонг, рӕсугъдгомау сылгоймаг мӕсыджы дӕлбазыр, хъӕды лыгагыл тӕргайгӕнӕджы бадт чи кодта, уыцы сывӕллон-лӕппумӕ ӕмӕ йӕ сӕрбӕттӕн бадзӕбӕх кодта.
- Ацӕуӕт ӕмӕ дын ӕй де ‘ннӕ лӕппутӕ ӕркӕнӕт! – бахъуыр-хъуыр кодта сывӕллон ӕмӕ йӕхи иннӕрдӕм фӕзылдта
- Ма мӕсты кӕн мӕ лӕппу, уыдон куы ӕрбаздӕхой, уӕд та ӕз ӕмӕ ды ацӕудзыстӕм. Ауагътаин дӕу дӕр, фӕлӕ фадынӕгӕй рынчын уыдтӕ, сыгъзӕрин феста, ӕмӕ афтӕмӕй уазӕгуаты цӕуын нӕ фӕччы.
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.