Хуссар Иры ссардтой Джусойты Нафийы рухс ном

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 фев – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Национ пантеоны сæвæрдтой дидинтæ æмæ веноктæ номдзыд ирон фыссæг, поэт, ахуыргонд, академик æмæ æхсæнадон архайæг Джусойты Нафийы цыртдзæвæнмæ.
Дыццæджы Джусойты Нафийыл сæххæст уыдаид 99 азы. Йæ цыртдзæвæны раз æрæмбырд сты республикæйы къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, афтæ ма ХИПУ студенттæ æмæ зонад æмæ культурæйы минæвæрттæ.
Ирыстоны фысджыты Цæдисы æмсæрдар, профессор, фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Хъазиты Мелитон радзырдта æрæмбырдуæвджытæн Нафийы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй, афтæ ма банысан кодта, кæй йæ хъæуы хъуыды кæнын æнустæм.
"Нафи уыд поэт æмæ прозаик стыр дамгъæйæ, æмæ уымæн цас монографитæ ис, уый бæрц та никæмæн ис нæ фысджытæй", - загъта Хъазиты Мелитон.
Джусойты Нафи ахицæн йæ цардæй 2017 азы 93-аздзыдæй. Уый уыд фыццаг гоймаг, кæцыйы бавæрдтой Хуссар Ирыстоны Национ пантеоны. Номдзыд фыссæджы ном радтой Цхинвалы уынгтæй иуæн. Афтæ ма Нафийы ном хæссы æрвылазон национ литературон преми.