Уӕрӕсе мартӕй тобӕ ӕвӕры бензины экспортыл, ацы мадзал нӕ хаудзӕн Хуссар Ирмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы премьер-министр Михаил Мишустин сфидар кодта рӕстӕгмӕ тобӕ бензины экспортыл 1 мартӕй, хъусын кӕны РИА Новости.
"Экспортыл рӕстӕгмӕ тобӕ нӕ хауы ЕАЭС бӕстӕтӕм, Монголи, Узбекистан, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонмӕ", - банысан кодтой агентады.
Уӕрӕсейы ӕртаджы базарадон ӕргътӕ фарон цалдӕр мӕйы дӕргъы уыдысты рекордон ӕмвӕзадыл. Уӕрӕсейы хицауад 21 сентябрӕй тобӕ сӕвӕрдта нефтепродуктты экспортыл. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ хицауад цадӕггай райдыдта исын арӕнӕвӕрдтӕ.