ЦХИНВАЛ, 27 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрӕг фӕмард фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ) фӕстиуӕгӕн, хъусын кӕны республикӕйы мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
ФТЦ ӕрцыд Знауыры поселочы знон 19:20 сахатыл.
"Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Знауыры районы Фарны хъӕуы 40-аздзыд цӕрӕг, Тойота Марк 2-йыл цӕугӕйӕ нӕ сырӕхст скъӕрын, рахызт ныхмӕцӕуӕн фӕндагмӕ ӕмӕ сӕмбӕлд КАМАЗ-ыл. Фӕсарӕйнаг маркӕйы хӕдтулгӕйы шофыр амард бынаты", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Аварийы ӕууӕлтӕ бӕрӕг кӕнынц барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ.