Ирыстойнаг спортсментæ систы Уæрæсейы уæлахиздзаутæ уæгъдибар хъæбысхæстæй 21 азы кары онг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 фев – Sputnik. Ирыстойнаг уæгъдибар хъæбысæйхæцджытæ Беслæхъты Зауыр æмæ Тотраты Алан рамбылдтой сыгъзæрин майдантæ Уæрæсейы чемпионаты 21 азы кары онг спортсменты хсæн, кæцы уагъд цæуы Омскъы.
Беслæхъты Зауыр рыазынд тыхджындæр 72 кг уæзы категорийы. Уый рамбылдта краснодайраг хъаебысæйхæцæг Назар Берковскийыл 12:7 счетимæ.
Тотраты Алан та ссис уæлахиздзау 82 кг уæзы категорийы. Финалы, уæззау тохы, уый рамыблдта дагъыстйнаг спортсмен Заур Шангереевæйы.
Уымæй дарддæр ма, ноджы иу ирыстойнаг хъæбыцæйхæцæг Уалыты Сослан рамбылта бронзæйон майдан. Уый æртыккаг бынат бацахста 55 килограммы онг уæзы категорийы.