Президент ссæрибар кодта Хуссар Иры ӔРС-ы хистæры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ссæрибар кодта йæ бынатæй Ӕддагон разæсгæрсты службæйы разамонæг Уарзиаты Алексейы, уый фæдыл барамынд мыхуыр æрцыд паддзахады разамонæджы сайтыл.
Аннæ барамындæй паддзахады разамонæг уагдоны хистæры хæстæ рæстæгмæ сæвæрдта Ӕддагон разæсгæрсты службæйы хистæры хæдивæг Гаглойты Андрейыл.
Ӕддагон разæсгарсты службæ арæзт æрцыд 2006 азы 30 ноябры.