ЦХИНВАЛ, 1 мар – Sputnik. Уӕрӕсейы хицауад фыццӕгӕм мартӕй тобӕ ӕвӕры бӕстӕйӕ ӕддӕмӕ ӕртаг ласыныл, кæцы ахæсдзæн æрдæг аз. Ацы мадзæлттæ Хуссар Ирыстонмæ нæ хауынц, уый тыххæй Sputnik радзырдта экономикон райрæзты министр Хъотайты Сæрмæт.
Уагдоны разамонæг банысан кодта, Уæрæсейы хицауады барамынд Хуссар Ирыстоныл нæ бандавдзæн æмæ не ркæндзæн æртаджы цухдзинадмæ республикæйы.
"Ацы мадзал Хуссар Ирыстоны æртаджы базарады гуырахстыл не ндавы. Махæн Уæрæсеимæ ис æртагыл баныхасгонд бæрц",- загъта уый.