Казахстаны ӕрцыд зӕххӕнкъуыст

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 мар – Sputnik. Казахстаны, Алмата горӕтӕй хуссардӕр районы ӕрцыд тыхджын зӕххӕнкъуыст, хъусын кӕны РИА Новости.
Къуырисӕры райсом горӕты цӕрджытӕ банкъардтой зӕххӕнкъуыст, адӕм уайтагъд ныууагътой бӕстыхӕйттӕ ӕмӕ рахызтысты уынгмӕ.
Агентады уацхӕссӕг куыд банысан кодта, афтӕмӕй цӕрджытӕм ӕрбацыд хъусинӕгтӕ зӕххӕнкъуысты фӕдыл.
Метеорологты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 5,3 магнитудӕйы зӕххӕнкъуыст ӕрцыд 9.22 сахатыл, эпицентр уыд хӕхты Казахстан ӕмӕ Киргизийы ӕхсӕн арӕныл.