Хуссар Иры цӕрджытӕм ӕнхъӕлмӕ цыбыр кусӕгон къуыри

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны уыдзӕн цыбыр кусӕгон къуыри Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон боны тыххӕй, кӕцы хауы майрӕмбонмӕ, 8 мартмӕ.
Республикӕйы бӕрӕгбонон бонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндармӕ гӕсгӕ, ацы къуыри улӕфт бонтӕ уыдзысты ӕртӕ боны – 8-ӕй 10-ӕм мартмӕ.
Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон бон нысан кӕнынц сӕдӕ азӕй фылдӕр. Хуссар Ирыстон ӕмӕ уӕрӕсейы уый у иууыл уарзондӕр бӕрӕгбонтӕй иу, фӕлӕ йӕ нысаниуӕг чысыл фӕивта – сылгоймагӕн идеологон ӕгъдауӕй кад кӕныны бӕрӕгбонӕй уый раивта уарзондзинад ӕмӕ бинонты хӕзнаты бӕрӕгбонмӕ.