Сау тымыгъ. Бирӕгъ йӕ кӕнон зӕнгыл нӕ уадзы

Sputnik
Ирыстоны сӕрмӕ та сау мигътӕ ӕмбырд кӕнын байдыдтой. Къӕлуайы кондау згъӕлын райдыдта хъомысджын паддзахад. Стырдӕр адӕмыхаттытӕ ныхъуырын райдыдтой гыццыл нымӕц адӕмты.
Фадат та фӕзынд гуырдзыйӕн дӕр, кӕддӕр сӕ къухы цы нӕ бафтыд кӕронмӕ сӕххӕст кӕнынӕн, уымӕ ныр зӕрдӕбынӕй ӕрӕвнӕлдтой. Уый уыдис нӕуӕдзӕм азты райдианы… Бырстой, тыдтой Хуссар ирмӕ. Сӕ къухы ирон дзурӕгӕй чи ӕфтыд, уыдоныл нӕ ауӕрстой. Кодтой сын алы фыдмитӕ, мардтой ӕмӕ сӕ ӕргӕвстой. Ӕрцыдис та сӕ рӕстӕг ирон адӕмы скуынӕг кӕныны тыххӕй ӕмӕ фӕстӕ ницӕмӕй лӕууыдысты. Ссӕдзӕм азы куыд уыдис сӕ архайд, ныр дӕр кодтой афтӕ, нӕ ауӕрстой сывӕллоныл, сылгоймагыл, зӕрондыл.
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.