Хуссар Иры дипломаттæ хайад исынц егъау форумы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) кусджытæ хайад исынц æвзонг дипломатты VII Глобалон форумы "Дипломатия в эпоху многополярного мира", хъусын кæны республикæйы æддагполитикон уагдоны пресс-службæ.
"Мадзал уагъд цæуы фæсивæды Æппæтдунеон фестивалы фæлгæтты федералон территори "Сириус"-ы. Мадзалы фæлгæтты цæуынц кусæгон сесситæ дунейы боны фæткы фарстыты комплексы фæдыл, афтæ ма фембæлдтæ Уæрæсейы ФХМ къухдариуæгадимæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Сæрмагонд сессийы рæстæджы Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы хайадистæй дзырд цыд Уæрæсейы бынатыл бирæполярон дунейы арæзтады.
Хуссар Иры дипломаттæ хайад исынц егъау форумы