Æппæтдунеон фæсивæдон фестивалы махæн ис фадат бирæ ногдзинæдтæ райсын - Гевара

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 мар – Sputnik. Никарагуайы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл министр Льюсен Гевара стыр аргъ скодта Æппæтдунеон фæсивæдон фестивалы, кæцы уагъд цæуы федералон территори "Сириус"-ы. Уый тыххæй хъусын кæны никарагуайнаг æппæтнационалон паддзахадон телеканал TN8.
"Мах, Никарагуайы цæрджыта, сæрыстыр хъуамæ уæм, ахæм егъау мадзалы хайад кæй исæм, уый тымæй. Махæн ис фадат бирæ ногдзинæдтæ райсын æмæ сæ спайда кæнын", - загъта Гевара.
Никарагуа банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2008 азы сентябры – Уæрæсе республикæйы суверенитет куы банымадта, уымæй дыууæ къуыри фæстæдæр.