Хуссар Иры хицауад финансон æххуыс бакæндзæн æмбæстагæн, кæцыйæн басыгъд йæ хæдзар

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад радон рабадтыл рахаста скъуыддзаг, материалон æххуыс кæй бакæндзысты Куымæридтаты Маратæн, кæцыйы мулк зиан баййæфта зынгсирвæзты рæстæджы ацы аз 7 февралы.

Хицауад рахаста уынаффæ, цæмæй 100 мин сомы финансон фæрæзтæ рахицæн кæной йæ фæсауæрцон фондæй.
Цхинвалы басыгъд хисӕрмагонд хӕдзары дыккаг уӕладзыг